Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
38
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

18 Билет.

1.Калоты Хазбийы лирикæйы сæйраг мотивтæ.

2.Этикон проблемæтæ уацау «Фæндагсар Уастырджи» - йы.

Уацауы сæйраг архайджытæ сты Дзитта æмæ Дзаххо. Фæлыгъдысты Цæгат Ирæй Хæссар Ирмæ æмæ æрцардысты Æхсæйнаг хъæуы, Гæвдийы хæдзары. Гæвди сын радта йæ фыды фыды фыд кæм цардис, уыцы хæдзар. Дзитта æмæ Дзаххойы адæм тынг бауарзтой, схæлар сты семæ. Дзаххо куысты ныллæууыд: фæндæгтæ арæзта , бæлццæттæм йæ хъус дардта. Йæ куысты мызд уыдис, кæмæ цы уыд тыллæгæй, уымæй сын хай кодтой.

Йæ «мызд» куы æмбырд кодта иуахæмы, уæд нæ бахоста идæдз усы хæдзармæ. Идæдз ус фæхæрам, зæгъгæ , мæн хæдзарыл нæ банымадтай. Дзаххойæн та йæ цæсгом нæ бахъæцыд, зæгъгæ , идæдз…

Иу бон та хосгæрдæны араст æмæ йын йæ уыгæрдæн ныккарста, зæгъгæ, йын чи ныккæрддзæн. Ус дардæй кæсы æмæ загъта ,- чидæр фæрæдыд,- арвыста йæ лæппуйы. Лæппу сбæрæг кодта хабар, æрцыд æмæ радзырдта мадæн хабар. Мад тагъд-тагъд чъиритæ ракодта æмæ йын хуын схаста уыгæрдæнмæ.

Дзаххо сфæнд кодта йæхи къуым саразын. Дзиттайæн куы загъта йæ хъуыды , уæд Дзитта батыхст æмæ загъта:

--Æмæ хохы иунæгæй куыд цæрдзыстæм?

-- Цæмæн иунæг? Хохы цъуппыл цæргæйæ адæмæн уарзон куы уай, уæд иунæг никуы уыдзынæ; фæлæ адæмы æхсæн цæргæйæ иунæг чи у, гъе,уый у мæгуыр.

Сырæзт Дзаххойы хæдзар. Ацыдысты хохмæ цæрынмæ. Самал кодтой сæгътæ дæр.Ис сын ныр хæринаг дæр. Фæразынц цæрын. Сæ зымæг дæр арвыстой. Сæрд дæр сыл æрцыд.

Сæрды тæмæны сæм фæзындысты æнахуыр уазджытæ, геологтæ. Дзырдтой æнахуыр æвзагæй. Дзитта æмæ Дзаххо не мбæрстой уазджыты æвзаг, фæлæ семæ уыд тæлмацгæнæг æмæ уый фæрцы балымæн сты.

Дзитта сын арæх хаста куы æхсыр, куы та хуырх. Иу хатт ын æхца дæр лæвæрдтой , фæлæ сын æй нæ бакуымдта, зæхмæ сын æй аппæрста æмæ алыгъдис. Дзаххо геологты æвзаг кæй не мбæрста , уый йын тынг зын кодта.Хатт – иу æй бафæндыд æмæ уырыссагау куы зонид æмæ Николаимæ ныхасæй куы бафсæдид.Тæлмацгæнæджы фæрцы йын радзырдта йæ фырты хабар æмæ йæ фидар бафæдзæхста: «Макæмæн мацы зæгъ». Дзаххо радзырдта фæндаггонтæн куыд æххуыс кæны, уый дæр:

-- Иу хатт æфцæгыл æрхызт иу лæг æмæ ус, семæ уыд æнахъом саби. Баталынг сын æмæ ам баззадысты æхсæвы. Райсомæй куы цыдысты, уæд мæм æхца дæттынц, æз сæ нæ райстон. Уыдон сæ сусæгæй ныууагътой æмæ араст сты. Æз сæ куы ауыдтон, уæд сæ фелвæстон æмæ сæ фæстейæ асырдтон.

--- Айсут уе хца, цалынмæ сæ нæ айсат, уæдмæ уæ фæстæ цæудзынæн. Афтæ ма фæнхъæлут æмæ сыл тæргай кæнын, стæй йæ сымах куы нæ зæгъат , уæддæр æй æз дзурдзынæн æмæ мæгуыр лæг мæ хæдзармæ нал бауæнддзæн ,ома мæм æхца нæй, зæгъгæ, зæгъдзæнис. Бæлццæттæ ницыуал загътой æмæ се хца райстой.

Нырдæр та сæ уазджытæ цæуыны фæнд скодтой. Дзаххо сын сæныкк аргæвста æмæ сæ йæхимæ æрбахуыдта. Николай сæныккæргæвст куы федта, уæд ын зын уыд, фæлæ ма цы? Дзитта сын чъиритæ скодта, Æхсæйнаг хъæуæй цы арахъхъ æрбахаста, уымæй сын Дзаххо æхсæвы бирæ фæкуывта. Райсомæй сæ куы фæндараст кодтой, уæд Николай дæр йæ «маст» райста, систа йæ кæсæн цæстытæ æмæ сæ дæтты Дзаххомæ. Уый сæ нæ исы, фæлæ бирæ хатыды фæстæ сразы. Араст кодтой сæ уазджыты Æхсæйнаг хъæуы онг Дзитта æмæ Дзаххо.

Иу карз зымæгон æхсæв Дзаххо дзуры Дзиттамæ:

-- Не фсин, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма фæсхохæй бæлццæттæ рацыд , фæсæфцæг сыл схъызыд, æмæ бæллæхы бахаудтой.

-- Цы дын зæгъон, се рцыдмæ сын исты хъарм хæринаг скæндзынæн.

-- О, иугæр ардæм куы рхæццæ уой, уæд хорз у, фæлæ сæ размæ ауайын хъæуы. Дзиттайы нæ фæндыд, фæлæ йын йæ хызын ацæттæ кодта.

Дзаххо араст йæ куыдзимæ фæдисы, цæуы арф миты, йæ къæхтыл къахдзоныгътæ , йемæ райста бæндæн дæр. Уалынмæ фехъуыста топпы æхст.Дзаххо бамбæрста ,уый фæдисы æхст кæй у.æмæ размæ атындзыдта.

Æфцæджы сæрмæ йæ бирæ нал хъуыдис, афтæ фехъуыст адæймаджы æнуд цъæхахст .

--- Кæм дæ, цы фæдæ, Уастырджи!

--- Мæнæ дæн, мæнæ!—зæгъгæ, ныхъхъæр сæм кодта Дзаххо æмæ размæ тындзгæ згъоры. Ссардта сæ, бæндæн сæм ныууагъта, æмæ сæ иугай сласта.

Фондзæй талынджы цъитийы рагъмæ бахаудтой æмæ сын схизæн нал уыдис (ныв). Æркодта сæ сæхимæ. Æхсæвæр сын бахæрын кодта Дзитта, сæ хуылыдз дзаумæттæ сын бахус кодта. Уазджытæй иу дзырды бар ракуырдта æмæ радзырдта, куыд фæдзæгъæл сты, куы бамбæрстой нал нын ис аирвæзæн, уæд скуывта хъæрæй:

--Кæм дæ,цы фæдæ, Уастырджи!

Дæ хъæр дын фехъуыстам, фæлæ нæм рындзы сæрæй куы æркастæ уæд нæм æцæгæй Уастырджийы хуызæн фæкастæ.

Гъ, æмæ нын дæ цæрæнбон бирæ!Нæ фæндагсар Уастырджи ды разындтæ.

Бирæ йын фæкуывтолй æмæ сæ райсомæй арвыстой.Уазджытæй иу , Берданы, тынг бафæндыд æмæ Дзаххойæн топп куы балæвар кæниккой, фæлæ сын уый не сразы. Дзиттайæн та фанар, фæлæ сын уыйдæр не сразы æмæ уæддæр фанар митыл ныууагътой, Дзаххойæ куыд фена , афтæ. Дзаххо йæ ссардта æмæ йæ Дзиттамæ куы æрбахаста, уæд æм Дзитта фæхыл кодта (103 фарс).

Дзаххо æрбахæццæ хæдзарæнлæгæй цы æмбырд уыд, уырдыгæй, хур нæмæ фæхицæн хæхты бæрзæндтæй, афтæ.Бирæ йæ нал хъуыд хæдзармæ, афтæ скаст æфцæджы сæрмæ æмæ федта цавæрдæр æндæрг.

-- Не фсин,радав –ма кæсæнцæстытæ! Дзитта йыл бахъуыр – хъуыр кодта. Дзаххо кæсы æмæ бамбæрста, уый бæлццон кæй у,скаст ма иу хатт, стæй загъта:

-- Цæй дæлæмæ куы æрцæуа, уæд кæд фæндаг ссарид,-- йæхæдæг фæзивæг кодта, фæлæд уыд.

Дзаххо бады, æмбырды цы фехъуыста, уыдон дзуры Дзиттайæн, фæлæ та йæ ныхасæй фæлæууы, йæ зæрдæ æхсайы фæндаггонмæ.

Фæндаггон куы æрхæццæ вæййы, уæд æй куыдз базоны, фæлæ уый нæма рæйы, æвæццæгæн раст фæндагыл не рцыд. Схуысыд, фæлæ йæм хуыссæг æввахс нæ цæуы.Фæрафт- бафт кодта, стæй сыстад, араст Муртакимæ бæлццоны размæ.

Исдуг суадис, стæй ныхъхъæр кодта. Йæ уæлвæд æм æрыхъуыст фæсус хъæлæс. Муртак дæ згъоры, бахæццæ бæлццонмæ æмæ рæйы. Дзаххо дæр фанары рухсмæ ссардта фæндæггоны. Æркодта йæ тыхамæлæй, йæ къахыл нæ лæууыд, къах фездыхт. Дзитта хуырх атæвд кодта æмæ йын йæ риссаг къах уым нывæрдта. Дзаххо йын æй тынг райвæзта æмæ къах йæ бынаты абадт. Фæндыд æй тынг куы йæ бафæрсид, чи у, кæдæм цæуы æмæ загъта:

--Ирон хæдзары æрæгмæ бафæрсынц уазæджы, чи дæ, зæгъгæ,фæлæ уæддæр базонæм кæрæдзи.

Бæлццон ныккæсы Дзаххомæ,цæуылдæр дызæрдыг кæны, йæхи нæ уæнды хъæр кæнын æмæ загъта:

-- Æз дæн ардыгон, фæлæ æндæр коймаг,-- йæ мыггаг дæр æнахуыр мыггаг схуыдта. Паддзахы раппæрсты фæстæ фронт фæхæлд æмæ цæуын нæхимæ.Уыдис ма мемæ иу ирон лæппу , иумæ æрцыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. Уым фæхицæн стæм.Æз ардæм рацыдтæн, уый та Дыгургоммæ. Дыгургомы коймæ Дзаххо фæстъæлфыд.

-- Зæгъ –ма, дæ хорзæхæй, йæ ном, йæ мыггаг куыд уыдысты?

-- Йæ мыггаг уыд Кадатæй, йæ ном Дзамболат. Дзаххо æмæ Дзитта уый куы айхуыстой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыдис.

-- Усай, нæ иунæг гас у, гас! Дзитта бауад уазæгмæ,æдзынæг æм ныккаст, йæ русыл стыр нос, сау рихитæ, даргъ зачъет. Дзитта сæ фыццаг хатт уыны, фæлæ цæстытæм ныккаст. Уыдон дæр худынц.

-- Мæ хъæбул, ды дæ! – фæхъæр кодта ус æмæ æрхауд.

Усы æрчъицын кодтой. Дзамболаты дæр афтæ нæ фæндыд, фæлæ сæ уый дæр раздæр нæ базыдта, уымæн æмæ сæ ныхæстæ кæрæдзиуыл нæ бадтысты.

Мад æмæ фыды тынг фæндыдис æмæ сын йæ хабæртæ куы радзырдтаид Дзамболат, фæлæ загътой ныр фæллад у, баулæфа æмæ райсом дзурдзыстæм. Дзамболаты бахъуыд геологтæн йæ рахауды фæндаг куыд радзырдта, уымæй бæстондæрæй радзурыны сæр йæ фыртæн. Адæмæй дæр æфсæрмы кæны, раст сын кæй нæ загъта, уымæй.

Æцæг та уыд афтæ:

Дзаххойы бинонтæ цардысты Цæгат Иры арæнæй Кæсæджы арæны æхсæн. Æлдарæй – иу райстой зæхх æмæ –иу æй бакуыстой. Дзахходæр уыцы аз райста зæхх кусынмæ. Дзамболат дæр хуым кæны сæ зæхх. Æххуыс ын кодта иу æвзонг лæппу. Уыцы рæстæджы сæм æлдар кæцæйдæр фæзынд йæ фæсдзæуинтимæ, семæ – ма уыд æндæр бæстаг уазджытæ.Сæ фарсмæ – ма куыстой бынæттон кæсæг адæм. Уыдон æлдары фæзындæй сæ куыст фæуагътой æмæ уырдыг слæууыдысты æгъдаумæ гæсгæ, æлдарæн лæггад кодтой. Фæлæ Дзамболат ахæм æгъдауыл ахуыр нæ уыд, стæй зонгæ дæр нæ кодта кæсæджы æгъдау. Уымæн æмæ раздæр цардысты Залгъæдгомы. Зæхх хъуаг кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ ралыгъдысты Кæсæгмæ.

-- Адон та дын чи сты?-- бафарста æлдары йæ уазджытæ.

-- Уыдон дæр сау адæм, -- загъта æлдар.

-- Æмæ сæ æгъдау уыдон цæуылнæ æххæст кæнынц?

-- Ныртæккæ сын æй бамбарын кæндзынæн, айрох сæ вæййы,-- загъта æлдары фырт. Батахт æмæ уæлбæхæй Дзамболатыл ралæууыд. Дзамболат кард фелвæста æмæ лæппуйы сæр йæ риуыл æрхауд. Фæдисонтæ бæх ахсыныл куыд фесты, афтæ Дзамболат хъæдмæ аирвæзт. Йе мбал Дзаххомæ фæдисы фæцис. Дзаххо æхсæвы фæлыгъд, загъта æрмæст иу адæймагæн йæхиуæттæй, кæдæм цæуы, уый.

Дзамболат иу хъæуы ныллæууыдис æххуырст.Уыцы рæстæджы Цæгат Ирæй бирæтæ цыдысты Харбинмæ кусынмæ. Дзамболат дæр сфæнд кодта, фæлæ йæм гаххæтт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ рцахстой æмæ йæ Сыбырмæ фæхастой. Уым базонгæ ис политикæйы фæдыл ахст чи уыдис, уыдонимæ. Уыдон æй сахуыр кодтой уырыссагау дæр. Уæдмæ райдыдта Германы хæст.Ахстытæн бар радтой, бархийæ чи ацæуа хæстмæ , уыдонæн сæ фыдракæндтæ барст æрцæудзысты. Дзамболат дæр ацыд фронтмæ, хæстмæ.Уыдис æм ахуырдзинаддæр, фæлæ йæ лæджыхъæды фæрцы стыр хорзæхджын куы ссис, уæд ын радтой афицеры цин дæр.

1916 азы кæрон Германы фронты баиу большевикон къордимæ. Фронт дæр уæдмæ фехæлд æмæ Дзамболат дæр сæхимæ цæугæйæ бахауд мидхæсты цæхæры. Йæ маст райста Кæсæджы партизантимæ , йæ хæдзар ын чи фехæлдта, уыцы æлдарæй дæр æмæ ссыдис сæхимæ. Чидæр ын бацамыдта йæ ныййарджыты фæд æмæ араст уыдон агурæг. «Раст адæймаджы Хуыцау нæ сафы», - ахæм æмбисонд ис ирон адæммæ. Æцæг фæрнджын адæймаг разындис Дзаххо.Ссардта уарзон адæмы хсæн цард, фæллой, ссардта йæ фырты дæр. Уый та у амонд æмæ фарн.

3.Гипербола - у ахӕм лит-он мадзал, кӕцы уацмысы исты цау, егъаудӕрӕй, кӕнӕ тыхджындӕрӕй равдисы.

19 билет.

1.Малиты Георгийы æмдз. «Федог». Тох æмæ рухсмæ сидыны мотивтæ уацмысы.

2.Беджызаты Чермен. Таурæгъ «Кодзыртæ».

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

20 билет.

1.Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-ы этикон проблематикæ.

2.Бицъойты Грисы роман «Арвы айдæн». Хæст æмæ гадзрахаты темæ романы.

1-ӕм сӕрӕй-12-ӕм сӕрмӕ.

Романы сӕйраг архайджытӕ сты :

Сабан, Гацыр, Ануси, Зауырбег, Даки, Дзӕмӕт… Сабан 10 боны размӕ сыздӕхт хӕстӕй. Схаста инвалиды ном. Ныр Сабан у колхозы сӕрдар, фосы скъӕрджыты хистӕр романы.

Колхозы фосы дзуг скъӕрынц Рагъы хъӕуӕй хохмӕ. Семӕ- ма баиу Ануси дӕр , йӕ мады хо цӕры уыцы хохы ӕмӕ уырдӕм цӕуы.

Сабан ӕмӕ Ануси рагӕй уарзтой кӕрӕдзи. Ныр кӕрӕдзийӕн цӕстӕнгасӕй сӕ ныхӕстӕ фӕдзырдтой.Семӕ –ма уыд Гацыр дӕр. Гацыр йӕ цотӕй иуыл фылдӕр уарзта йӕ чызг Цыкурайы , ӕвӕццӕгӕн , йӕхи хуызӕн кӕй уыд, уый тыххӕй.Цыкура ныр ис йӕ мады рвадӕлтӕм , фӕлӕ йӕм йӕ зӕрдӕ ӕхсайы.Бахӕццӕ сты иу хъӕумӕ фыййӕуттӕ,хъӕуы кӕрон ис уӕлмӕрд.Уым ис бирӕ ног ингӕнтӕ, хӕсты чи фӕмард, уыдонӕн.Уыдон фенгӕйӕ Гацыр дӕр скувы хуыцамӕ : «Ме фсымӕр Гӕбыла дӕ фӕдзӕхст. Йӕ сывӕллӕтты йын сидзӕрӕй ма ныууадз». Гӕбыла дӕр уыд хӕсты ӕмӕ дзы рагӕй нӕй хабар. Сабан дӕр агуры йӕ фыды ингӕн.Уӕдмӕ сӕ ӕрбаййӕфта Райӕххӕсткомы сӕрдар Даки дӕр.Даки та раздӕр куыста , Сабаны размӕ , колхозы сӕрдарӕй. Сабанмӕ хӕстӕг бацыд :

--Ӕвзӕр хабар!

--Цы хабар у ?

-- Гӕбылайӕ сау гӕххӕтт ссыд.

Гӕбыла Гацыры кӕстӕр фсымӕр у, Дакиимӕ та ӕмбӕйттӕ. Дзидзидайӕ Гӕбылайы мад амард ӕмӕ йӕ Дакийы мад схъомыл кодта. Ныр Гацырӕн ницы хъӕр кӕнынц. Иу хатт Даки фын федта : «Сӕ мад Сӕм ӕрбацыд ӕмӕ цыма Гӕбылайы акодта. Гӕбыла йӕм дзырдтон ӕмӕ, дам, ды лӕуу».

Романы 13-ӕм сӕрӕй---30-сӕрмӕ.

--- Ануси йӕ мады хойы хӕдзар баййӕфта ӕхгӕдӕй ӕмӕ фыййӕуттӕм ацыд фӕстӕмӕ. Гацыр ацыд йӕ чызг Цыкурайы фенынмӕ.Гацыр бирӕ бафӕстиат ӕмӕ йӕм Зауырбег дӕр ацыд агурӕг. Уӕдмӕ сын Дзӕмӕт сӕ фосӕй адавта , фӕлӕ сӕ Зауырбег байста.Дзӕмӕт Зауырбегыл гранат фехста . Зауырбег уӕззау цӕф фӕцис. Немыцы бомбӕтӕй дӕр бирӕ фӕмард сӕ фосӕй.

Иуахӕмы Борнӕф немыцаг коменданты сӕхимӕ ӕрбахуыдта , хорз ӕй федта, ирон хӕринӕгтӕй , стӕй ацыд фыййӕуттӕм. Фыййӕуттӕн ныфс бавӕрдта , гӕххӕтт сын кӕй райсдзӕн комендантӕй , цӕмӕй сын сӕ фосмӕ мачи мацы бар дара. Фыййӕуттӕ йыл тынг нӕ баууӕндыдысты , фӕлӕ уӕддӕр сразы сты… Райста сын гӕххӕтт , Борнӕф фембӕлд Дзӕмӕтыл. Кӕрӕдзи хорз бамбӕрстой. Иннӕ бон хъуамӕ фембӕлой.

Дзӕмӕты ӕхсӕв хуыссӕг нал ахсы ,цы хуызы ӕууӕнда Борнӕфыл?

Цӕмӕн зилы фосскъӕрджыты фӕстӕ? Кӕд уый дӕр дзугмӕ хъавы.?

Иннӕ бон дӕр ӕрхӕццӕ ,автомат йемӕ рахаста –хӕцӕнгарзы уындӕй хъуамӕ фӕтӕрса Борнӕф , зӕгъгӕ.

Нысангонд бынатмӕ бацыд Дзӕмӕт , йӕхи нӕма ӕвдисы, бамбӕхст хъӕды ӕмӕ уырдыгӕй хъахъхъӕны.

Уалынмӕ ӕнӕзонгӕ лӕг фӕзынд,ахъахъхъӕдта ӕмӕ хъӕды фӕмидӕг.

Дзӕмӕт бамбӕрста къӕппӕджы кӕй бахауд.Уалынмӕ цавӕрдӕр къӕрццытӕ райхъуыст , бамбӕрста кӕимӕдӕр дзырд кӕй сты , ома мӕнӕ дӕн. Куынӕ йӕ ссардтой , уӕд ацыдысты.

Фӕлӕ ныр Дзӕмӕтӕн ам нал ис ӕрлӕууӕн, уымӕн ӕмӕ йын йе хсӕвиуаты бынат дӕр загъта. Борнӕфы ӕрвыст лӕгтӕй ӕмбӕхсы.Боны рухсӕй рацӕуы хъӕдмӕ , агуры Борнӕфы.

.Борнӕф дӕр зылди Дзӕмӕты фӕстӕ. Иу бон сӕ фембӕлд сӕххӕст. Дзӕмӕтӕй куыд ныфсджын ӕнхъӕлдта, афтӕ нӕ разындис.

Йӕ бӕх ын байста.

_Дӕ мад ,дӕ фыды хатыр , ма мӕ амар. Радзурын ын кодта ӕппӕтдӕр, марӕг ын кӕй арвыста йӕ фӕстӕ…

--Ныр размӕ цу!-йӕ разӕй йӕ акодта. Иудзӕвгар ацыд ,стӕй иу зылд фӕкодта ,фӕлӕ йӕ нӕмгуытӕ нӕ рауагътой ӕмӕ йӕ мидбынат ӕрхауд Борнӕф.

-- Фыййӕуттӕ Борнӕфмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.Ныфс ма сӕ уыд немыцӕй цы гӕххӕтт райстой , уымӕй.(ПРОПУСК).

--Сӕударӕй азмӕлдзыстӕм ,-загъта Сабан ,-ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нын нал ис ,ӕрмӕстма ссарын хъӕуы ӕхсӕнгаӕрзтӕ. Хӕст цы хӕуты уыд , уым ма уыдзӕн ӕхсӕнгӕрзтӕ. Гацыры фӕндыд цӕмӕй Борнӕфмӕ банхъӕлмӕ кӕсой , фӕлӕ йыл иннӕтӕ нал ӕууӕндыдысты.

--Ӕз дӕр ыл нал ӕууӕндын,-- загъта Ануси дӕр. Сабаны тынг фӕндыдис ӕмӕ Гацыр Борнӕфы ныхмӕ исты куы загътаид ӕмӕ дзы сӕхи куы ратониккой. Дыккаг бон сихормӕ фенхъӕлмӕ кастысты , ӕмӕ Гацыр дӕр загъта : «Нал хъӕуы кӕсын ме рвадмӕ». Раскӕрдой сӕ фос , фӕлӕ Сабанмӕ афтӕ каст цыма сын нал ис аирвӕзӕн немыцӕй. Исдуг ахӕццӕ ис йӕ саби дугмӕ дӕр.

----Йӕ мад-иу йӕ фӕстӕ сусӕгӕй куыд ацыд ӕмӕ –иу ӕй куыд хъахъхъӕдта. Иу хатт сусӕгӕй йӕхи найынмӕ ацыд ӕмӕ йӕ мад дӕр йӕ фӕстӕ ацыдис . Мад йӕхи нӕ равдыста ,афтӕмӕй рацыд ӕмӕ йын йе рцыдмӕ хъарм хӕринаг сарӕзта.

Куы ӕрцыд ,уӕд ӕй фӕрсы :

-Кӕм уыдтӕ ?

Сабан нӕ загъта кӕм уыд , уый . Мад куы радзырдта хабар ӕцӕг куыд уыд уый ,уӕд лӕппу дисы фӕцис .

-Нана ӕмӕ йӕ ды кӕцӕй зоныс ӕз найынмӕ уыдтӕн ,уый.

-Мӕнмӕ арвы айдӕн ис, ӕмӕ дӕм уырдыгӕй фӕкӕсын. Сабаны бауырныдтой мады ныхӕстӕ.

Ныр дӕр ӕм афтӕ кӕсы цыма йӕм немыцӕгтӕ уыцы арвы айдӕнӕй кӕсынц ӕмӕ сын аирвӕзӕн нал ис.

Бахӕццӕ сты хӕст кӕм уыдис ,ахӕм хъӕумӕ.Фӕнды сӕ куы сӕм бафтид хӕцӕнгарз.Сабан азылд ӕмӕ ссардта 2 хӕцӕнгарз, стӕй дзы уыдис салдаты мӕрдтӕ.Рахаста хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ Анусимӕ радта . Ануси райста ӕхсӕнгарз ӕмӕ загъта : - Ӕз нӕ сарӕхсин ? Бацамон ма мын ӕхсын .

Сарӕхсдзынӕ , ӕз ныртӕккӕ ам дӕн. Йӕхӕдӕг ацыд салдӕтты ныгӕнынмӕ.

Гацыр ,Бедза ӕмӕ Зауырбеджыдӕ йемӕ акодта .Цалынмӕ дыууӕ ингӕны къахтой, уӕдмӕ рӕстӕг рацыд.Ануси йӕхи ӕфхӕры ,ома ӕз цӕуылнӕ ацыдтӕн семӕ , ахӕм рӕстӕджы сылгоймаг дӕр нӕлгоймаджы бынаты балӕууы. Хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕмбӕхста ӕмӕ фӕцӕуы. Уалынмӕ автоматӕй чидӕр ӕхсын райдыдта Сабаниты.

Ануси ауыдта сау ӕндӕрг ӕмӕ базыдта Дзӕмӕты. Дзӕмӕт йӕ къахы бырынкъӕй скъуырдта цыдӕр . Ануси базыдта уый Сабаны худ кӕй уыд.Чидӕр ын йӕ хъусы ӕрбадзырдӕуыд : «Бабын сӕ кодта».

Ануси азгъордта ӕмӕ райста автомат . Дзӕмӕт куы ауыдта Ануси автомат куыд дары Дзӕмӕтмӕ , уӕд ма дзы сирвӕст : «Ануси». Фӕлӕ Анусийы амонӕн ӕнгуылдз баргъӕвста Дзӕмӕты….

3.Уацмысы композиции - у уацмысы арӕзт, йӕ хӕйтты равӕрд фӕд - фӕдыл ӕмӕ сӕ бастдзинад кӕрӕдзийыл.